Полная версия
Купить и скачать
Добавить В библиотеку
Ирон фæндыр
Автор:
Год написания книги: 2016
Тэги:
Настройки чтения
Размер шрифта
Высота строк
Поля
Æрра фыййау
Раджы хохы цъуппæй касти Иу æрра фыййау,Мигъ æнгом йæ быны бадти, Урс цагъд къуымбилау.Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, — Тæккæ былгæрон,Дурыл авæрдта йæ къæхтæ: «Агæпп æм кæнон, —Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ Хизæд уæзæгыл,Æз фæхуысдзынæн изæрмæ Уыцы бæмбæгыл…»Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, — Гъопп! – зæгъгæ, йæхиПуртийы зыввытт фæласта… Лæг ныххæррæгъ и!Булкъ æмæ мыд
Ма худ аууонмæ æвзæрыл,Хорзы – иу йæ цуры бафау!Дунетæй хуыздæр куы фестай,Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау!Хорз æфсин цы нæ хæринагАвæрдзæн лæгæн йæ разы! —Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæйБирæ кад дæттын фæразы…Гъе, уæддæр нæ хæринæгтæАлы ран сæхи ыстауынц,Загъдкæнынц, сæ кæрæдзийыУазæджы цæстмæхъус фауынц.Физонæг ма, йе хæбизджын Дзурæд! —Уазæг дæр цæ буц у,Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ, —Тайтма дæ хæрынц, – ныхъхъус у!Булкъæн та æппын цæсгом нæй! —Фаджысдон кæны къæбицæй,Судзы ком, уæддæр дын искæйУадзы, цы, хуыздæр йæхицæй?!.Иу фынджы рагъыл та иу хаттУый дæр та фæзынд кæцæйдæр!..Уайтагъд та йæхи фæсфæдтыМыдмæ баластахæстæгдæр…– Оф, оф, уазæг, æз мыдимæ, —Загъта, – диссаг дæн, æрбалæу…– Гъе, смаггæнаг! – мыд фæмæсты.Ныр цы мæткæныс мæ бæсты,Æз хуыздæр куы дæн æнæ дæу!..Халон æмæ рувас
Цæстмæхъус ныхасФыдбылыз хæссы…Хуыснæггаджы басФу-фуйæ сысы…Кæмдæр та халон —Цыма дзы хъалонНæ фыййау дардта —Цыхты къæртт ссардта.Бæласы цонгылЦæргæсау сбадти,Йе сæфты стонгылНыр диеæй марди.ЗæрдæхъæлзæгæнТæрхæттæ кодтаÆмæ фыдæнæнИæ цыхт нæ хордта.– Цæй, ныр æвналон, —Фæзæгъы халон,Фæлæ та 'взары, —Цыхт дзыхы дары…Уæд дын æм рувасКæцæйдæр рауад…Уайтагъддæр минасЙæ фындзыл ауад.Цæст андæгъд цыхтыл…Иæ къахы æлгътылДæрдты æрзилы,Иæ къуди тилы…Нæ рагон фыдсылНæ зоны бæгуы! —Мæ хуры чысыл,Куыд рæсугъд дæ, куы! —Бынæй йæм дзуры, —Уындæй дæ цуры,Дæ фæхъхъау фæуон,Кæмæй раппæлон?!.Дæ даргъ дæллагхъуыр,Дæ сау базыртæ,Дæ диссаджы гуыр,Дæ худгæ—былтæ!..Æххæст ма зарынКуы зонис, уæд дæПаддзахæн дарынФæразид зæрдæ…Æфсæрмы ма кæ,Мæ уды гага, —Дæ зарæг акæ!..Нæ халон «хъа, хъа!»Зæгъгæ, фæкодтаЙæ хъæлæсы дзаг…ПаддзахгæнæггагКæйдæр цыхт хордтаНæ гæды рувас, —Ды та уал уым уас!..Бирæгъ æмæ хърихъупп
Алчи зыдгæнæджыБирæгъ фæхоны.Бирæгъ зыд кæй кæны, —Чидæрид зоны…Раджы та иу бирæгъНард хæдмæл хордта,Афтæмæй адæмæнТугуарæн кодта.Диссаг æвналынмæ, —Цас ын æнтысти!Уалынмæ уæныстæгХурхы нынныхсти.Атылди, адаргъ и,Нал уыд йæ сæрæн…Амонд йæ хъахъхъæнæгАхæм æвзæрæн!Хърихъупп хæстæджытыДонбылтыл зилы…Бирæгъ йæ цыппæртæХърихъупмæ тилы.– Ай та цы диссаг у? —Рагæй æрæгмæНикуы мæм бабæллыдБирæгъ хæстæгмæ…Хърихъупп фæзæрдæлхæд,Абадт йæ цуры:– Цæй-ма, цы мæ кæныс?..Сырд ма кæм дзуры!Иу цæст ма фезмæлыд,Иннæ ныдздзагъыр…Хърихъупп цæстæнгасылРагæй уыд ахуыр, —Бирæгъы хъæлæсыФатау фæцавтаДаргъ бырынкъ, афтæмæйУæныстæг сдавта.Бирæгъ ысулæфыд…Фервæзт нæ рынчын!..Хърихъупп æм бадзырдта:– Цæй-ма, мæ мызд мын!Сырд дын фæхъæрласта:– Гъæ, дзæгъæлхæтæг!Гас мын кæй баззаддæАбон дæхæдæг!Бузныг цæуылнæ дæ,Гайтма мæ дзыхæйДе взæр лæгуын къоппаРайстай дзæбæхæй?!.Барст дын уæд ацы хатт,Ацы тыхтона!Искуы ма фембæлæм, —Додой дæ къона!Хъазтæ
Дæ фыдæлтæ рухсаг,Дæхæдæг мын бæзз!Ныртæккæ уын диссагÆрхæсдзынæн æз.Фæрссаг лæг, дыгурон,Йæ хъазтæ уæймæФæцæйтардта иу бонÆлдары хъæумæ.Цыма цæ фæдисæйЫскъæры, тындзыÆмæ цæ йæ уисæйÆнæвгъау хынцы.Æрбаййæфта хъазтыУæд иу дардбæстаг.Нæ хъазтæ сæ мастыФæкодтой хъæстаг:– Ныллæу нын тæрхоны,Дæ Хуыцаумæ скæс!..– Мæгуыр лæг цы зоны?– Нæй, нæй дын фæрæз!..Æрлæууыд сæ астæу…Фæрсы цæ: зæгъут!– Хуымæтæджы хъазтауНын ласы нæ уд.Æнтæфæй нæ мары,Уæлдай та нæ над!..Æрдумæ нæ дарыНæ фыдæлты кад.Нæ фыдæлты руаджыНæ бабын ис Ром…– Уый фехъуыстам раджы,Нæу сусæг сæ ном…Уæхуыддæг, уæхуыддæгЦæмæй хорз ыстут?– Фæмæлæм, мæгуыртæг, —Кæм ма ис рæстуд? —Нæ фыдæлтæ чи сты, —Нæ зоныс, сæрæй?– Уæхицæй уæм истыÆппæлинаг нæй?– Нæ фыдæлтæ раджы…– Уый фехъуыстон, гукк!..– Нæ фыдæлты руаджы…– Уæхуыддæг цы стут?Цы равдыстат кадæн,Зæгъут – ма уæддæр? —Мах?.. Ницы!.. – Æрра дæн,Фæрсын уæ æз дæр!Уæ фыдæлты хорз койМыггагмæ цæрæд!Куывдтæ—иу цын кодтой,Сæ бадæн дзæнæт!Ныр рæстæджы хъазæнÆндæр у йæ кад:Йæ бумбули – базæн,Йæ нард фыд – бæркад.Нæ хъазты ныхасæнБæргæ ис кæрон,Фæлæ искæй хъазæнÆгæр хъыг куы уон!..Саг æмæ уызын
Тар хъæды иу саг, пырхкалгæ йæ уæнтæй,Уынæргъгæ уади, – йегар æй сырдта…Доны былмæ ма ныййирвæзт фыдбонтæй,Ахауди дуртыл… йæ мæлæт зыдта…– Ох-хай, гъе! – радзырдта къутæрæй сагмæУызын, – фæцæф дæ, мæ лымæн, сæрæй?Рагæй æмхиц у нæ уæздан мыггагмæХъримаг, йæ хицау фæкæна дæдæй!..– Ох-хай, гъе! – сæрджын саг уызынмæ дзуры:Мах саг-мыггагæй уæздандæр нæ уыд.Ныр, кæд дæ хуызæттæ махмæ дæр гуыры, —Афонмæ дæр нæ фæцæгъдын куы хъуыд!..Марходарæг
Лæг кæрдзынæй дæр æфсæды Гутоны фæстæ.Рагæй нал фæци нæ гæды Урссаджы хъæстæ.Зæрдæ нал агуры хъазын, Аргъæуттæй фæцух,Удхæссæг ын фестад зарын, Хъыгкæны æдзух.Амар æй фæлтау фырнадæй, Акъах ын йæ цæст,Фесаф æй бынтон, æгадæй, — Бафсад æй æрмæст!Йе стонгæн бæргæ ис цары Иу нæртоны хос,Фæлæ йæм фæндаг нæ ары, — Аскъуыйа йæ бос! —Галы фиу… Йæ бын мæхъийау Фондз уæрдæхæй баст, —Бурбурид ысси, фæткъуыйау, Афæдзваг у раст!Ие рагъ афасти фырнæрстæй, Хус ысмаг хæссы…Гъеныр дæр та йæм цъындцæстæй Стонг гæды кæсы…Куыдз дæлдæр хуыссы йæ цуры, Уынæргъы, хъæрзы…Бахудт æм æмæ йæм дзуры: «Скастæ та йæм, цы?»Гæды фестъæлфыд… фырмæстæй Аныхта йæ сæр,Ракаст йе знагмæ мæрддзæстæй, — «Гъæ, зæронд сæлхæр! —Загъта, – ма тæрс, æз мæ цардæн Базыдтон æгъдау,Ма тæрс, гуыдынхъус, æз нал дæн Мархохор, дæуау!..»Ахуыр
Адæмы фæзмгæйæ иухатт мæ йерæдзыпп Ахастон тулдзджынмæ мемæ.Цуанон та ахæм дæн, æмæ мæ цуанонтæ Цуаны нæ фæуадзынц семæ!Исты дзы фехсон мæ зæрдæ куыд загътаид, — Ифтыгъд мыййаг дын куы нæ уыд! —Фыдæлты хæзна нæ къулыл æнæсæрфтæй Иу-фынддæс азы фæлæууыд.Ацыддæн зад хуымтыл, хосгæрстмæ схæддзæ дæн. Адæм кæм кусынц, кæм бадынц;Чи фæци, чи та ма хордта йæ аходæн… Фæрныджы зиууæттæ зарынц…Бахызтæн хъæдбынмæ… бакастæн æрдузмæ, — Уæртæ дын иу лæг фæхъуызы…Иу къæцæл дæр æм нæ уынын хæцæнгарзæй, Иу сыбыртт дæр дзы нæ хъуысы…Ай мын цы ми кæны, уый куы нæ базонон! — Пыхсы йæ фæдыл фæхъуызын…Ноджы кæсын, æмæ уæртæ йæ тæккæ раз Ферох кæмæйдæр йæ хызын…Макуы дын бантыса, макуы дын батайой Уыцы мæгуыры къæбæртæ!– Гъей, хорз лæг! Ма бакæ! Худинаг, худинаг! — Нал æм фæлæууыд мæ зæрдæ.Хуыснæг дын фестъæлфыд, йе ргом мæм фездæхта. Ох-хай, гъе! Уæртæ зæронд лæг!джихæй мæм аззади, истуг фæдурдзæфау… Нал уыддæн хорзау мæхæдæг…Бахудт йæ мидбылты… – Ма тæрс, мæ хуры хай, Дзуры мæм, базыдтон чи у, – Ма тæрс!Мæ хуыснæгад раджы куы ныууагътон; Искæй нæу хызын, мæхи у!– Ау, кæд дæхи у, уæд ма йæм цæмæ хъуызыс? Чи дæ нæ уадзы йæ райсын?..Уайсадæг чындзау мæм ноджы ныкъкъæмдзæстыг. – Афтæ, мæхицæн дзы хъазын, —Загъта ма, мæгуыр, йæхæдæг ныуулæфыд… Тудæджын ын фестаддæн, хъуамæ!Дзурын æм нал уæндын; дзурын дæр чи уæнды Уыйбæрц æдæрсгæ æррамæ?!– Гъей, лæппу, – фергом лæг, – ам мæ кæй баййæфтай, Уым дын мæ диссаг зæгъдзынæн:Сихор мæн у, фæлæ ма йæ куы радавон, — Адджындæрæн æй хæрдзынæн.Худгæ мыл ма фæкæ! Къаннæг сывæллонæй Сахуыр дæн сæфты хуыснæгыл.Сомы йыл бакодтон, искæй фос нал давын, Фæлæ фæхæст дæн хæйрæгыл.Фынгтæ мын байдзагкæн алгъуызон минасæй, Айдагъ сæ уындæй ныккæрзын!Цалынмæ-иу æй мæхицæй нæ радавын, — Ад мын нæ кæны мæ кæрдзын…Лæг дзырд нæма фæци, афтæ дын хъæдбынæй Иу бирæгъ рахæддзæ фахсмæ.Лæгтопмæ февнæлдта… Хæхтæ ныццараудтой. Бирæгъ æртылди нæ размæ…– Оу, мæнæ диссæгтæ, царциаты диссæгтæ! — Армытъæпæнтæ фæцагътон, —Лæг ма цыфæнды фæуæд, фæлæ йерæдзыпп, — Ифтыгъд нæу зæгъгæ нæ загътон?!.Рувас æмæ зыгьарæг
Рагæй, сæрдасæнау, рувас зыгъарæгмæ Дары йæ дæндаг, —Гогызтæ давынмæ суанг Æрджынарæгмæ Иу у сæ фæндаг!Афтæмæй искуы фæндагыл куы амбæлынц, — Амæлис дисæй!Хотау, кæрæдзийыл узæлæг акæнынц Уайтагъд сæхицæй!Иу изæр та цæ æрхаста сæ фыдбылыз Арыхъы ныхмæ. —Над исын нуазинаг, – загъта нæ фыдсыл, – æз Рагæй мæ дзыхмæ.Абон æлдараты фæскъул фæцæйцыддæн, — Ницæй æнхъæлдзау, —Бакæнæн ныл уыд сæ хæрнæджы æнтыдтæн, Зæрдæ фæуæззау…Карз æнтыды тæфæй уайтагъд фæрасыг дæн; Абон изæрмæМарддæн мæ сæрæй, æрдæбон фæуадзыг дæн, Зилы ныр дæр ма…Рувас йæ ныхас нæма фæци, афтæ дын, — Рухсаг йæ марæг! —Далæ, сæрбихъуырæйттæй рагъæн йæ тæккæ бын Абадт зыгъарæг.– Ох-хай, цы кодтай, цы? – рувас йæ хæдфæстæ Радзырдта рагъæй. —Ох-хай, фæрасыг дæн, – загъта, – дæ ныхæстæ Карздæр арахъхъæй!..Лæг æви ус
Зиууæтты зарæгæй хæхтæ ныццараудтой,Рацæуынц хъæутæм… Фæсабыр сæ хъæр, —Иу лæбырды бынæй фæндагмæ рахаудтойМарды ыстджытæ – йæ цæнгтæ, йæ сæр…– Ох – хай, гъе! – зиууæттæ загътой, – нæ фæндæгтæАмæй кæд исты хæс дарынц уæд та?Сæрыкъуыдыр дæр йæ урсурсид дæндæгтæБарæй цыма цæм ныззыхъхъыркодта, —Хурныгуылдмæ цæм æрттивы, сызгъæринау,Цæстыхуынчъытæ, цæстытау, кæсынц…Хосдзаутæм хъуыддаг фæзынди цæттæ хинау;Нал ысты хорзау, сæхицæн тæрсынц.– Уым та цы ми кæнут? – дзуры цæм лæгæтæйИу лæг, хæрз зæронд, нæ зыны сæгæй.Мæнæ æвзарæм, кæй уыд цымæ дзыллæтæйАцы сæрыкъуыдыр, – усæй, лæгæй?– Гъе, æрра лæппутæ! – лæг та цæм радзырдта, —Чи уыд, кæд уый бæрæгкæнут æцæг,Уæд уый ныр къаннæг сывæллон дæр базыдта,Чиу, уый цæмæй фæчындæуы бæрæг!Алкæмæн йе гъдау йæ гакк у кæмдæриддæр:Усæн мæрддзыгой – йæ тыхджындæр мæт, —Искуы фæцæуæд фæдисы хъæр, марды хъæр, —Усæн ма иу ран фæлæууæн ис уæд?!.Бафæлварут – ма, гъе, уыцы хорз миниуæг, —Исчи ныккæнæд мæрдæрцыды хъæр! —Кæд лæг уыд, – сæрмæ нæ фехъуысдзæн фидиуæг,Ус, – уæд уæ хъæрмæ нæ фæлæудзæн сæр.Худæг фæкасти йæ хабар нæ хосдзаутæм:– Ай нæ хынджылæг куы кæны, сæрæй!Цæй, уæддæр байхъусæм фыдæлты хорз даутæм,Фенæм, – цы нын у æхсæны хъæрæй?– Рухсаг уæд! Амард æлдараты Хамбитта! —Иу хосдзау загъта йæ хъæлæсыдзаг…Гъæйт, мардзæ! Сæр дын æвиппайды асхъиудта,Далæ фæтулы йæ фæндаг – фæндаг!..Лæскъдзæрæн
Аргъау
Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн Иу мæгуыр лæг цард.Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн, Удхарæй йæм мард.Адæммæ кæм нæу фыд-зæрдæ Иуцæстон сæтой! —Хоры къутуйау йæ тæнтæ, Бинаг был – кæфой.Фос цæуæт кæнын нæ уагъта, — Алыбон хæргæ! —– Цæй-ма, – лæг ын иу хатт загъта, — Ахицæн мæ кæ!– Хорз, мæ хур, кæд дæ нæ фæнды, — Цу! Дæ фæндаг раст!..Лæскъдзæрæг дæр ма кæм уæнды, Уромы йæ маст.Кусы та… Хуыцау æй зоны, Цас ма йæм фæци…Атъæпп уа, цы фыййау хоны Амондджын йæхи!Махон дзы йе сæфт ыссардта, — Байсысти йæ туг!Иубон хизæнæй æртардта Йе фсæст фосы дзуг.Уæйыг дæр кæцæйдæр ссыди, — Артау сыгъд йæ сæр,Къæхтыл ма тыххæй хæцыди, — Банызта кæмдæр!Дзурын ма зынæй фæразы… Бухъхъытæгæнгæ,Загъдæмхæст фыййауæй хъазы: – Хорз лæг дæ, бæргæ, —Дзуры йæм, – фæлæ кæд уарæм, Уæд дзæбæх, нывыл.Туг кæрæдзийæ нæ дарæм, Байхъус мæм чысыл!Алырдæм дæр æй куы барай, Ай нæ хуыздæр хос:Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ ссарай, — Дæу фæуæд мæ фос!Науæд фосæй дæр æнæ хай, Хизгæ дæр лæвар…. —Хорз, – зæгъы, – уæдæ цы зæгъай! Хорз, фæуæд дæ бар!Уæйыг бахудти фырцинæй… – Иу, уæдæ, мæ хур!– Иу – Хуыцау! Хуыцауы динæй Арвмæ хауы дур.– Кæд дыууæ, дыууæ та? – загъта. – Сау дыууæ цæстæйХорз фыййау дзæгъæл нæ уагъта Иу дæ нæлфыстæй– Кæд æртæ, æртæ цы давы? – Фынг æртæкъахыгУазæгæн йæ фæллад сафы, Зианджынæн – йæ хъыг.– Уæд цыппар та дын цы сидынц? – Кæд цыппар фыртыАфæдзæн йæ куыст æрвитынц, — Базон-ма цæ ды!– Фондзæн та дæм дзуапп бæргæ нæй! – Фондз фырты мæн дæрХизынц хин æмæ кæлæнæй, — Чи цæ у хуыздæр?– Кæд æхсæз – сæ сæр мæ дзырдтæн? – Æз æхсæз хаттыФос байуарынмæ бæллыддæн, Не сразы дæ ды!– Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы, — Авдæн исты зæгъ!– Авд сæры уæйыгыл зайы, Зондæй та – къæдзæх!– Цæй-ма, цæй, уæдæ мын астæн Исты дзуапп ыссар!– Аст азы дæ фосмæ кастæн, Айс цæ ныр, – хæлар!..– Барæй дæм лæмæгъ лæууыддæн. — Фараст та цы уыд?– Фарæстæмы ам нæ уыддæн, Ахæтын мæ хъуыд…– Ох – хай! Демæ æз нæ фæдæн, Радзур-ма, лæгау!..– Терк-Турчы бæстæ – мæ хæтæн, М 'амæддаг – рæгъау…– Денджыз дæр ма лæг кæм ласы! Цавæр уыд дæ бæх?– Мæн къуылых дзынга фæразы, Гъе-ри-гъа, дзæбæх!– Хорз бæх уыд, кæд байсыст сæрды Денджызæн йæ дон!– Цæргæсæн нæ уыд йæ сæрты Атæхын йæ бон.– Иуæй-иу лæппын цæргæсы Карчы цъиу бырсы…– Карчы цъиу бæргæ нæ хæссы Галы мард пыхсы!– Ма кæ, ма, мысты йас рæуæд Афтæ уæззау нæу!– Мысты уæныл ма æрлæууæд Даредзанты хъæу!– Иу кæркдон хъæуыл нымайы Къулыбадæгус!..– Ау, кæркдоныл ма фæллайы Иу зылдæн тæрхъус?!.– Ох-хай, гъе! тæрхъус-лæппыныл Афтæ ма бахуд!..– Уастæн, баззайой йæ быныл Даргъ кæрц æмæ худ,Уастæн, ма стæфса сæ хъармæй Гас нæртон зымæг,Чи цæ сарæзта йæ цармæй, Нарты Уырызмæг!– Нартæ се мгæрон куыд уадзынц Ахæм къаннæджы?– Раст йæ уæлфадæй куы уасынц Авд нæл хæрæджы,Уый цын уæд сæ хъæр нæ хъусы, Ахæм къаннæг у!– Ау! æмæ цы диссаг у, цы, Кæд къуырма лæг у?!.– Авд хохы фæстæ мæгатæ Хос куы фæкæрдынц,Авд дæлдзæхы бын дзынгатæ Снæр куы фæцæгъдынц,Адæмæн цæ уæд фæдзуры Уыцы лæг ныр дæр…Кæд мæнгæй зæгъын, – мæ цуры Цавддур фест ды дæр!Йе лгъыст уæйыгыл æрцыди: Раст йæ хуызæн дурКомхæлиуæй хъен лæууыди Лæскъдзæрæджы цур.Фервæзт лæг… Иæ фос æртардта.. Ис æм ныр йæ фаг…Абон дзы мæнæн дæр радта Иу нард кусæрттаг.Уымæй æз куыд дæн æнæ хай, Афтæ мын ды дæрФосджынæй æмæ дзæбæхæй Се 'рцыдмæ фæцæр!..Гино
Гино, гино, гис!Иу гæды нæм ис,Хъарм фæлмæн кæрц дары,Къонайыл хуыссы,Аргъæуттæ мысы,Хъал зæрдæйæ зары…Скъолайы лæппу
– Кæй фырт дæ? – Толайы. – Кæм уыддæ? – Скъолайы,Алыбон дæр дзы вæййын. Фæкæсын А – бе – тæ, Фæфыссын Бе – ве – тæ,Ахуыркæнынмæ бæллын.Фыдуаг
О, цъиусур, Ма мæм дзур! О, рувас, Ма мæм уас! —Хуысгæ ма кæнын. О, цæргæс, Ма мæм кæс! О,тæрхъус, Мамæмхъус! —Кæрдзыныл кæуын!Кæмæн цы
Алы куыстæн – рад.Дзидзидайæн – мад.Хорз фыййауæн – фос;Бирæ фосæн – хос.Хоры кæндæн – зад,Хоры хæрдæн – кад.Сонт рæдыдæн – барст;Хорз зæрдæйæн – уарзт.Рагон мастæн – тад;Загъдкъахæгæн – над.Магусайæн – цæф;Цырд лæппуйæн – кæф!..Уасæг
О, уасæг, уасæг,Сызгъæрин къоппа!О, уасæг, уасæг,Сырхзæлдаг боцъо!Куыд раджы фестыс,Куыд хъæрæй зарыс?Нæ буц лæппуйыХуыссын нæ уадзыс!Лæгау
Фест райсомæй, лæгау,Ныхс сапонæй дæхиÆмæ—иу скув: Хуыцау,Фæдзæхсын дыл мæхи!Дзул к'уаид, уæд бæргæ,Дæу дæр дзы хай фæуид!Куы нæ уа, уæд хæргæ!Кæрдзынæй стонг æрвит!Цæттæ дæ хызын дар,Тагъд де скъоламæ уай!Æнæзивæг куы уай, —Хуыздæр бынат дæ бар!Зондамонæгмæ хъус,Цы зæгъа, уый – иу кæн,Зæрдæхъæлдзæгæй кус,Æмæ бæззайлæгæн!..Дзывылдар
Æнгуырдар – дзывылдар,Кæм хæтыс зымæг?Цы бæстæ, цы хæхтæФæтæхыс уынæг?Кæм рæзынц, кæм цæрынцДæ хотæ, дæ мад?Тæхуды, тæхуды,Кæмæн ис дæ цард!Зæрватыкк
Зæрватыкк – æнæхъыг,Æнæмаст цæрæг!Дæ зарæг – нæ дарæг,Нæ уалдзæггæнæг!Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæйФæхæтай фæрнæйНæ хæхты, нæ бæсты,Æлдар кæмæн нæй!Цъиу æмæ сывæллæттæ
СывæллæттæГъа! Ныр ахст дæ, цъиу, фæлæу,Нал аирвæздзынæ,Нал ауадздзыстæм ныр дæу,Махимæ цæрдзынæ!..ЦъиуЦиу, цы, циу? Цы кодтон, ау!Цас тыхджын рæдыд дæн?Ауадзут ма мæ фæлтау,Райхалут мæ бæттæн!СывæллæттæНæй, нæй! Ма тæрс, махмæ дыХъаны цард кæндзынæ:Дзул дын тулдзыстæм мыды,Адджын цай цымдзынæ.ЦъиуХъаны цард мын уанцон нæу!Æз уæ цай нæ уарзын,Уидзын быдырты мæнæу,Къогъотæ дзы ахсын.СывæллæттæУазал у зымæг æддæ,Махау дын хæдзар нæй!Ам дæ къалати цæттæ, —Бафсæддзынæ хъармæй.ЦъиуАм зымæг куы вæййы, уæдИу хъарм бæстæ зонын.Къалати сызгъæрин уæд,Ахæстон æй хонын!СывæллæттæКурæм дæ, æмæ нæм лæу, —Бузныг дæ уыдзыстæм;Мах цард дæр æвзæр цард нæу,Не схъыг дæ кæндзыстæм.ЦъиуНæй, мæ хуртæ, нæй гæнæн!Уарзут мæ, уый хатын,Фæлæ тынг зын у мæнæнАхæстоны бадын…СывæллæттæОх – хай – гъе! Уæдæ дæ мастМахæн у хъуыдыйаг, —Атæх, цу! Дæ фæндаг раст!Цæр дæхи фæндийаг!..Уалдзæг
Мит тайы, их сайы,Фæхъулон ис зæхх:Йæ цæгат фæзæйнад,Йæ хуссар фæцъæх.Йæ фæдыл нæ хъæдылФæхæцыд сыфтæр;Нæ хуымтæ кæндтытæ,Нæ ласæн цъыфдæр.Цырд лæппу гæлæбуÆрцахста… Зæгъ ын:Нæ уалдзæг дæ уазæг,Ныууадз æй цæрын!Сæрд
Хур судзы… УырыдзыХæрынæн бæззы…Чи хъæдæй рæгъæдæйСырх мæнæргъ хæссы,Чи халсарæй кæмттыÆргъæмттæ бæтты…Хуыскъæлæй, æхсæрæйКæм цæуынц рæтты!Цæвæгæй, мæхъитæй,Æхсырфæй цæттæ,Хорз байрай, мæ бæстон,Кæмдæриддæр дæ!Фæззæг
Æхсæлы ызгъæлы,Лæджирттæг фæбур…Мигъ бады цæгаты, —Нæ йæ тавы хур…Æркарстам, æрластамНæ хортæ, нæ хос…Чи кусы йæ мусы,Чи 'лвыны йæ фос…Хор бирæ, фос бирæХуыцауы фæрцы…Нæ хохбæсты бæркад,Цы диссаг дæ, цы!..Зымæг
Хъызт зымæг, тыхст зымæг —Нæ катай, нæ мæт!Йæ бонтæ – фыдбонтæ,Йæ бахсæв – мæлæт.Нæ хъæутæ – лæгæттæ,Нæ фезмæлд – зæйуат.Фыдæлтæй нын баззадЗæйы сæфтæн рад.Нæ мæгуыр, нæ сидзæр,Æнæхай куыстæй,Хуыцаумæ дзыназынцÆстонгæй, сыдæй…Сæрдыгон къæвда
Хъæргæнгæ: «Хæзнатæ нæм хауы уæларвæй!»Сывæллæттæ уайынц къæвдайы фæдыл… —Фæлæуут, мæ хуртæ! гъеуыцы хæзнатæйÆруидздзыстæм мах дæр: нæ къутутæ дзагæйЛæудзысты мæнæуæй, фæлæуут чысыл!Дыууæ халоны
Халон халонмæ тæхы,Халон халонæн зæгъы:Халон! Цæй – ма, ныр цы хæрæм?Сихорæн амал цы скæнæм?Дзуры йæм фæстæмæ халон:Сихор нын цæттæ у абон, —Терчы былыл нын, хъæугæрон,Ауыгъдæй лæууы мæхъæлон…